ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Интернеты фӕзынд видео зӕйимӕ, кӕцы ӕрцыд Транскавказон автомагистралыл. Видео ныммыхуыр кодтой цӕстӕйфенджытӕ социалон хызӕгты цыппӕрӕмы.
Зӕй ӕрцыд Зӕрӕмӕджы ГЭС-ы районы. Хӕдразмӕ Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад бафӕдзӕхста зӕйтӕ рцӕуыны тӕссагдзинадӕй республикӕйы хӕхты.
"Цӕгат Кавказы гидрометеорологон ӕмӕ мониторингы центры информацимӕ гӕсгӕ 13 мартӕй 14 марты 18:00 сахатмӕ республикӕйы 2000 метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты у тӕссаг зӕйтӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Транскам у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ.