Бибылты Анатолий раивта Хуссар Иры Дзауы районы сӕргълӕууӕджы

Районы ног сӕргълӕууӕгӕй президент снысан кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта Макъоты Уырызмӕджы Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕджы бынатӕй. Ахӕм барамынд президент бафыста цыппӕрӕмы, 14 марты, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг куысты тыххӕй, кӕцы ды ӕххӕст кодтай Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕджы бынаты. Дӕ архайды руаджы мах сарӕзтам Дзауы скъола-интернат, Сывӕллӕтты сфӕлдыстады хӕдзар, афтӕ ма нывӕндӕм саразын спортивон зал", - загъта президент районы администрацийы раздӕры сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Бибылты Анатолий раивта Хуссар Иры Дзауы районы сӕргълӕууӕджы

Макъоты Уырызмӕг загъта бузныг президентӕн ӕууӕнчы тыххӕй ӕмӕ дзырд радта дарддӕр кусын республикӕйы хӕрзӕбонӕн.

Хорз паддзахадон службӕйы тыххӕй Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Макъоты Уырызмӕджы Хӕларады Орденӕй.

Афтӕ ма президент бафыста барамынд Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕгӕй Джиоты Андрейы снысан кӕныны фӕдыл.

"Фӕнды мӕ, цӕмӕй ацы бынаты куса бӕрнон адӕймаг, кӕцы зоны районы проблемӕтӕ. Ды уыдтӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты Дзауы районы хайады хистӕр ӕмӕ зоныс проблемӕтӕ иууылдӕр, дӕ фӕлтӕрддзинад дӕуӕн ӕххуыс кӕндзӕн фидӕны дӕр", - загъта Бибылты Анатолий.

Бибылты Анатолий раивта Хуссар Иры Дзауы районы сӕргълӕууӕджы

Джиоты Андрей райгуырд 1979 азы Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы. Фӕцис ХИПУ-йы юридикон факультет. 1997-2005 ӕзты куыста РХИ Мидхъуыддӕгты министрады. 2005-2019 ӕзты уыд РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусӕг.