Раздӕхтӕн спортмӕ: Цхинвайлаг пауэрлифтер стох кӕндзӕн Европӕйы чемпионаты

Хъуылымбегты Азӕмӕт сног кодта йӕ тренировкӕтӕ дӕргъвӕтин улӕфты фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг пауэрлифтер Хъуылымбегты Азӕмӕт йӕхи цӕттӕ кӕны Европӕйы гом чемпионат "OPEN EUROPE CUP WPA/AWPC"-мӕ. Ерыстӕ райдайдзысты Ростов-на Донуйы апрелы райдайӕны.

Нӕ спортсмен тох кӕндзӕн 90 килограммы уӕзы.

Рæузæрдæ Додæ: студент, спортсмен, журналист æмæ хӕхтӕ уарзӕг

"Раздӕхтӕн спортмӕ азы улӕфты фӕстӕ. Дыууӕ мӕйы ӕнӕрлӕугӕйӕ цӕттӕ кӕнын мӕхи. Тренеры амындмӕ гӕсгӕ, нырма исын ӕрмӕстдӕр рог уӕзтӕ, цӕмӕй ӕнӕнхъӕлӕджы травмӕ ма райсон. Ӕппӕт тыхтӕ та равдисдзӕн турниры, рекорд нӕ сӕвӕрдзӕн, фӕлӕ мӕ хӕс у мӕ уӕзы ныхмӕлӕуджытӕй фылдӕр сисын", - загъта Sputnik Хъуылымбегты Азӕмӕт.

Амӕй размӕ Хъуылымбегты Азӕмӕт рамбылдта Цӕгат Кавказы ерыстӕ пауэрлифтингӕй, цы ран райста спорты мастермӕ кандидаты ном.

Спортсмены Цхинвалы цӕттӕ кӕны Ӕлборты Леуан.