Казахстаны президент фехъусын кодта йӕ отставкӕйы тыххӕй

Казахстаны президенты хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн парламенты сенаты спикер Касым-Жомар Токаев
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Казахстаны президент Нурсултан Назарбаев фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатӕй кӕй цӕуы, уый тыххӕй, хъусын кӕны РИА Новости.

"Ӕз рахастон уынаффӕ президенты æххæстбартæ ныууадзын", - загъта уый йӕ й нысуаны адӕммӕ республикон телеканалты эфиры.

Казахстаны президенты хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн парламенты сенаты спикер Касым-Жомар Токаев.