Мады фондзаздзыд сывӕллонимӕ ныццавта хӕдтулгӕ Бесланы

Цӕгат Ирыстоны Рахизфарс районы цӕрджытӕ раст ран нӕ хызтысты фӕндаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Рахизфарс районы хӕдтулгӕ ныццавта Бесланы 36-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы йӕ фондзаздзыд сывӕллонимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"ФТЦ фӕстиуӕгӕн сывӕллоны аластой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ, мады та медицинон ӕххуысы фӕстӕ ауагътой хӕдзармӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

МХМ бафтыдтой, фистӕг бӕлццӕттӕ арӕх кӕй фехалынц фӕндагон змӕлды фӕтктӕ. Цӕгат Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ фехъусын кодтой, фистӕг бӕлццӕтты дӕр кӕй ӕрбаздахынц административон бӕрнмӕ фӕндагон змӕлды фӕтк фехалыны тыххӕй.