Бибылты Анатолий: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн ахастытӕ фидар кӕндзысты

Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта абхазаг лидерӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий равдыста ныфс, Абхазы республикӕимӕ ахастытӕ дардӕр кӕй райтынг ӕмӕ сфидар уыдзысты. Уый тыххӕй президент фехъусын кодта йӕ арфӕйы телы Абхазы сӕргълӕууӕг Рауль Хаджимбамӕ, хъусын кӕны республикӕйы президенты пресс-службӕ.

Рауль Хаджимба: Абхаз Хуссар Иримӕ хъынцъым кӕны 2008 азы амӕттӕгты тыххӕй

"Уырны мӕ, нӕ иумӕйаг тыхты руаджы Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Республикӕ Абхазы ӕхсӕн хорз ахастытӕ дарддӕр райтынг ӕмӕ сфидар уыдзысты нӕ адӕмты хӕрзӕбонӕн", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма президент бахахх кодта, Рауль Хаджимбайы куысты руаджы Абхаз кӕй сӕххӕст кодта ӕнтыстытӕ паддзахадон арӕзтад ӕмӕ социалон-экономикон фадыджы.