Украинайы национ ӕдасдзинады совет бакодта санкцитӕ Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ныхмӕ

Республикӕйы ӕмбӕстӕгтыл, кӕцытӕ сӕ цӕст дардтой ЛАР ӕмӕ ДАР ӕвзӕрстытӕм, сӕвӕрдта санкцитӕ Украинайы хицауад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Украинайы национ ӕдасдзинад ӕмӕ хъахъхъӕнынады совет бакодта санкцитӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ныхмӕ, кӕцытӕ сӕ цӕст дардтой Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) ӕвзӕрстытӕм, дзырдӕуы Украинайы президенты барамынды.

Хуссар Ир ӕмӕ Донецкы парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Санкцион номхыгъды сты президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь, вице-спикер Тедеты Руслан, депутаттӕ Тедеты Бахва ӕмӕ Цоциты Игорь, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президенты уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Давид.

Афтӕ ма Украинайы санкцион номхыгъдмӕ бахаудтой Абхаз, Австри, Бельги, Бразили, Греци, Испани, Итали, Нидерландтӕ, Германи, АИШ ӕмӕ Венгрийы ӕмбӕстӕгтӕ.

ЛАР ӕмӕ ДАР президент ӕмӕ депутатты ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 2018 азы 11 ноябры. Украина, Евроцӕдис ӕмӕ АИШ фехъусын кодтой, кӕй нӕ банымадтой ӕвзӕрстытӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.