Хорзӕх ссардта йӕ хицауы: Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Гӕбӕраты Вадимы

Хорзӕхкӕныны фӕдыл барамынд бафыстӕуыд фарон августы, фӕлӕ президенты йӕхи фӕндыд раттын майдан, уый фӕдыл бацыд Гӕбӕраты Вадиммӕ хӕдзармӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны Адӕмон депутатты областон Советы дыууынӕм ӕрсидты депутат Гӕбӕраты Вадимы майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн", хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Гӕбӕраты Вадим райста хорзӕх стыр хайбавӕрды тыххӕй республикӕйы хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинады хъахъхъӕнынадмӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн.

Хорзӕх ссардта йӕ хицауы: Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Гӕбӕраты Вадимы

"Хорзӕхкӕныны фӕдыл барамынд бафыстӕуыд 2018 азы августы, фӕлӕ мӕн мӕхи фӕндыд раттын ацы майдан. Ды бирӕ сарӕзтай Хуссар Ирыстонӕн. Иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджыты ды хайад истай баныхасы процессы ӕмӕ бахъахъхъӕдтай дӕ Фыдыбӕстӕ", - загъта президент.

Гӕбӕраты Вадим загъта бузныг президентӕн йӕ сгуыхтдзинӕдтӕн саргъ кӕныны тыххӕй.

Гӕбӕраты Вадим уыд Цхинвалы мэр, арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады министры хӕдивӕг.