Хуссар Иры президент фехъусын кодта Цхинвалы фатерты райуӕрсты принциптӕ

Цӕрӕнуатон къамисы уӕнгтимӕ фембӕлды рӕстӕджы банысан кодтой, фатертӕ фыццаг кӕй дӕтдзысты ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ иудадзыг цӕрынц Хуссар Ирыстоны столицӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта фембӕлд Цхинвалы цӕрӕнуатон къамисы уӕнгтимӕ фатерты райуӕрсты фарсты фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Радмӕ гӕсгӕ: мэрийы цӕрӕнуатон къамис дарддӕр кусы

Президент банысан кодта, къамис кӕй уадзы лӕмбынӕг басгӕрст алкӕцы ӕмбӕстаджы фӕдыл дӕр. Ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ бадзырдтой президентмӕ цӕрӕнуаты фӕдыл, бамбарын кодтой къамисы куысты принциптӕ.

"Иунӕг фактор, кӕцымӕ йӕ цӕст дары къамис, уый у документаци, кӕцы бӕрӕг кӕны ӕмбӕстаджы тыххӕй информаци", - загъта Бибылты анатолий.

Фембӕлды рӕстӕджы банысан кодтой, фатертӕ фыццаг кӕй дӕтдзысты ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ иудадзыг цӕрынц Хуссар Ирыстоны столицӕйы.