Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ

Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй ӕрӕмбырд кодта 13 къорды горӕттӕ ӕмӕ районтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр скъолайон командӕтӕ республикон фыццагады шахматтӕй. Ерыстӕм сӕ къордтӕ бавдыстой 13 скъолайы, уыдонӕй иууыл ӕнтыстджындӕр разынд 12 скъола, загъта Sputnik федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

Интеллектуалон тохты архайдтой 39 хъазӕджы, се ʻхсӕн уыд 6-аздзыд спортсментӕ дӕр.

"Дыккаг хатт ауагътам республикӕйы фыццагад скъоладзауты ʻхсӕн. Стох дзы кодтой 39 хъазӕджы 13 скъолайӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай чызджытӕ", - загъта Саулохты Георгий.

Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ уӕлахиздзау ссис 12 скъолайы командӕ, дыккаг бынат бацахста гимназии "Альбион", призерты нымӕцмӕ бацыд дыккӕгӕм скъола дӕр. Уӕлахиздзау командӕйы сконды уыдысты ӕртӕ лӕппуйы - Къодоты Андрей, Цоциты Батрадз ӕмӕ Хуыбецты Хасан. "Альбион"-ӕн хъазыдысты Къӕбулты Алан, Кокойты Мария ӕмӕ Битеты Диана. Призерты ӕртыккаг къорды та Зӕгъойты Зауыр, Икъоты Марат ӕмӕ Хъотайты Елена.

Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ

Ерысты фӕлгӕтты ма ацыд республикӕйы ӕртӕ фӕлтӕрддӕр шахматистӕн ӕмрӕстӕджы хъазты сеанс 15 скъоладзауимӕ, фӕлӕ кӕстӕр фӕлтӕр нырма разындысты лӕмӕгъдӕр.

"Сеанс радтой республикӕйы чемпионаты призертӕ - Гӕбӕраты Ацӕмӕз, Къӕбысты Эрик ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг. Нӕ ныхмӕ хъазыдысты 15 ахуырдзауы", - бафтыдта федерацийы разамонӕг.

Турнир сарӕзтой Спорты комитет ӕмӕ Шахматты федераци Скъола –интернаты ӕмархайдӕй.