ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд "Снысан кӕнын профессионалон бӕрӕгбон – Юстицийы органы кусӕджы бон", хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Снысан кӕнын профессионалон бӕрӕгбон – Юстицийы органы кусӕджы бон ӕмӕ йын сбӕрӕг кӕнын йӕ датӕ – 27 май", - дзырдӕуы барамынды.
Документ бахызт йӕ тыхы Хуссар Ирыстоны президент ӕй куы бафыста 25 марты, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта юстицийы министрады иууыл хуыздӕр кусджыты майдантӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн"