Хуссар Иры цӕрджыты ӕрцахстой гӕн дымыны тыххӕй

Цхинвалы дыууӕ цӕрӕджы ӕрцахстой республикӕйы Дзауы районы хъӕуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ӕрцахстой дыууӕ ӕмбӕстаджы Дзауы районы Абанойы хъӕуы наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Дзауы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы дыууӕ цӕрӕджы, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайдта "административон ӕмӕ уголовон бӕрны тыххӕй наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны фӕдыл" закон фехалынмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Медицинон басгӕрсты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой, фыдгӕнджытӕ кӕй пайда кодтой наркотикон буарад "гӕн"-ӕй.