Хуссар Иры кӕнынц мыддарды курсытӕ

Мыддарды куыст фӕсивӕдӕн амондзӕн ассоциацийы бындурӕвӕрӕг Джиоты Феликс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны мыддарджыты ассоциаци бындурӕвӕрӕг Джиоты Феликс кӕны мыддарды курсытӕ. Нӕлгоймаг ныфс дӕтты бауарзын ӕмӕ бамбарын кӕнын хъӕууон хӕдзарады ацы фадыджы сусӕгдзинӕдтӕ ӕртӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ, фехъусын кодта курсытӕ бакӕныны инициатор.

Ассоциацийы бындурӕвӕрӕг мыддарды куыст кӕны 46 азы дӕргъы, уымӕй размӕ та райста сӕрмагонд ахуырад Рязаны хъӕууонхӕдзарадон институты.

"Апрелӕй кӕнын ӕнӕаргъ мыддарды ӕртӕмӕйон ахуыры курсытӕ мӕхимӕ хӕдзары, Пушкины уынгыл. Мӕн фӕнды, цӕмӕй кӕстӕр фӕлтӕр бауарзой ӕмӕ сахуыр кӕной ацы куыст. Хуссар Иры ӕрвылаз сӕфы сӕдӕгай центнеры нектар, хъӕууон хӕдзарады ацы фадыг та инӕттӕй ницӕмӕй фӕстӕдӕр лӕууы ӕмӕ у пайдаджын", - радзырдта Джиоты Феликс.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ма хъавы саразын ӕнхъарӕн горӕты ахуыры хайадӕн цӕмӕй курсытӕ рацӕуой хистӕркъласонтӕ.

Мыдгӕс Сиукъаты Алан ӕмӕ йӕ ног рецепттӕ

"Фӕнды мӕ бахатын горӕты ахуыры хайадмӕ, цӕмӕй бахӕс кӕной хистӕркъласонтӕй мыддарды куыстмӕ чи цымыдис кӕны, уыдон сӕ фӕллойады уроктыл цӕуой курсытӕм", - бафтыдта уый.

Ассоциаци фӕстӕдӕр Цхинвалы районимӕ иумӕ фӕнд кӕны саразын мыды равдыст.

Хуссар Ирыстоны мыддарджыты нымӕц хизы 50 онг. Сӕ баиугондӕн бантыст ивгъуыд аз саразын хӕрзаудӕн акци – баххуыс кодтой Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзарӕн цалдӕр банкӕ мыдӕй. Ацы аз та сӕ хӕрзаудӕн мадзалмӕ бамбал кӕндзысты зӕрӕдты хӕдзар "Забота"-йы.

Хуссар Иры кӕнынц мыддарды курсытӕ