Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг гӕн ӕвӕрыны тыххӕй

Наркотикон буарад ссардтой оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы Абанойы хъӕуы цур
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Уголовон агуырд ӕмӕ МСНК кусджытӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны Дзауы районы гӕны банкӕ, кӕцы уыд Абанойы хъӕуы 33-аздзыд цӕрӕджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Наркотикон буарад ссардтой басгӕрсты рӕстӕджы. Криминалистон экспертизӕ сбӕрӕг кодта, банкӕйы кӕй уыд гӕн, кӕцыйы уӕз у 200 грамм.

Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг гӕн ӕвӕрыны тыххӕй

МХМ банысан кодтой, нӕлгоймаг фехӕлдта уголовон кодексы "наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕ ӕлхӕнын, ӕвӕрын ӕмӕ ласыны фӕдыл" статья.