Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ

Фӕдагуырды хайады кусджытӕ бакодтой фыдгӕнӕджы фӕдыл уголовон хъуыддаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Дзауы районы 33-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта хӕцӕнгарз ӕнӕзаконон ӕвӕрыны фӕдыл, хъусын кӕны Хуссар ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой ӕмӕ байстой "Калашников"-ы автомат, цуаноны хӕцӕнгарз ӕмӕ цыппар сӕдӕ нӕмыгӕй фылдӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ

МХМ фӕдагуырды хайад бакодта уголовон хъуыддаг "хӕцӕнгарз ӕнӕзаконон ӕлхӕнын, адӕттын, ӕвӕрын, хӕссын ӕмӕ ласыны фӕдыл" статьямӕ гӕсгӕ.