Хуссарирыстойнаг журналист рацыд вокалон конкурсы кастинг Цӕгат Иры

Журналисткӕйы факультеты студент, "ЮОГУ-ТВ"-йы кусӕг Джиоты Любайӕн проект "АЗАР МА"-йы хайадист у йӕ фыццаг фӕлтӕрддзинад вокалон конкурсы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикӕйы факультеты студенткӕ Джиоты Люба рацыд ӕвзӕрст Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы.

Ныридӕгӕн чызг йӕхи цӕттӕ кӕны конкурсы финалы цыппӕрӕм хаймӕ.

"Къуырийы кӕрон уыдзӕн мӕ ралӕуд. Цӕттӕ кӕнын ХИПУ-йы ВИА "А вдруг"-ы солисткӕ Хъодалаты Марияйы зарӕг "Мӕсыг". Мемӕ ма бамбал уыдзӕн гитаристкӕ Кокойты Аннӕ. Жюрийы зӕрдӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуа нӕ композици, уымӕн ӕмӕ тынг рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг у", - загъта Sputnik йӕхӕдӕг Джиоты Люба.

Вокалон телеуынынадон проект "АЗАР МА"-йы аразджытӕ сӕ разы ӕвӕрынц хӕс сбӕлвырд кӕнын Ирыстоны рӕсугъддӕр хъӕлӕс.

Телепроект "АЗАР МА"-йы аразӕг у Цӕгат Ирыстоны телекомпани "Осетия-Ирыстон". Архайынц дзы куыд фæлтæрдджын, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæ.