ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Цоциты Игорь ӕмӕ парламенты сӕрдары уынаффӕгӕнӕг Гӕбӕраты Инара бабӕрӕг кодтой дыууӕ ӕххуысхъуаг бинонты Цхинвалы, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Битеты Даникы бинонтӕ авд адӕймагӕй, кӕцытӕй ӕртӕ сты сывӕллӕттӕ, цӕрынц ӕртӕуатон хӕдзары Ӕфсӕнвӕндаджы уынгыл. Чысыл хӕдзар бахъыгдард ис 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы, фӕлӕ бинонтӕн фадат нӕй сцалцӕг ӕй кӕнын. Бинонты хицау бирӕ хатт бадзырдта ӕххуысы фӕдыл алыгъуызон паддзахадон органтӕм, фӕлӕ ӕххуыс нӕ райста.
"Хицауады ӕххуысӕй мӕ ныфс нал уыд фондз азы размӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕм никуыуал бадзырдтон. Фӕлӕ мӕ хо уӕддӕр бадзырдта республикӕйы парламентмӕ. Мӕн нырма дӕр дӕр нӕ уырны, кӕй нын баххуыс кӕндзысты", - фехъусын кодта Битеты Даник.
Афтӕ ма Битеты Даник радзырдта, кӕй фесӕфта йӕ куыст йӕ ӕнӕниздзинады тыххӕй ӕмӕ йӕ ныр хъӕуы операци йӕ зӕрдӕйыл. Депутат Цоциты Игорь дзырд радта бинонтӕн, кӕй фехъусын кӕндзӕн сӕ проблемӕ республикӕйы къухдариуӕгадӕн.
"Абон мах федтам, ацы адӕм кӕй цӕрынц тынг уӕззау уавӕрты ӕмӕ сӕ хъӕуы ӕххуыс. Ӕз алцыдӕр сараздзӕн, цӕмӕй сын баххуыс кӕной", - загъта депутат.
Спикеры уынаффӕгӕнӕг Гӕбӕраты Инара банысан кодта, кӕй бадзурдзӕн Битеты Даникы ӕнӕниздзинады фарсты фӕдыл ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгимӕ, цӕмӕй йын рахицӕн кӕна квота операцийӕн.
Афтӕ ма депутаттӕ бабӕрӕг кодтой бирӕсывӕллонджын бинонты, кӕцытӕ цӕрынц ӕххуырст фатеры Харебаты Исахъхъы уынгыл. Ӕхсӕз сывӕллоны мад Къораты Карина радзырдта, бирӕ рӕстӕг кӕй цӕрынц ӕххуырст фатеры.
"Мах лӕууӕм рады, цӕмӕй райсӕм цӕрӕнуат. Бирӕсыввӕллонджын бинонты номхыгъды стӕм 144-ӕм бынатыл. Ӕххуырст фатерӕн фидын та нын фадат нал ис", - загъта уый.
Депутат бахахх кодта, зӕгъгӕ, Къораты Каринайы бирӕсывӕллонджын бинонты проблемӕ дӕр фехъусын кӕндзысты ӕмбӕлгӕ органтӕн.