Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад модернизаци кӕны йӕ полигон

Полигоны арӕзтад фӕцис 2017 азы, фӕлӕ хъахъхъӕнынадон уагдон дардӕр хуыздӕр кӕны йӕ материалон-техникон базӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрад нывӕнды иудадзыг хуыздӕр кӕнын йӕ полигон "Дзарцъем". Хъахъхъӕнынадон объекты материалон-техникон базӕйы модернизаци кӕныны фӕдыл куыстытӕ уагъд цӕуынц министры хӕдивӕджы къухдариуӕгады бын, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Куыстыты рӕстӕджы сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн ӕфсӕддон полигоны техникон ифтонггарзы фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Куыстытӕ уагъд цӕуынц РХИ хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры ӕфсӕддонты тыхтӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад модернизаци кӕны йӕ полигон

Хъахъхъӕнынады министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, полигоны арӕзтад фӕцис 2017 азы, фӕлӕ хъахъхъӕнынадон уагдон дардӕр хуыздӕр кӕны йӕ материалон-техникон базӕ.