Хуссар Ир сратификаци кодта ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Луганскимӕ

Бадзырд бафыстой 2018 азы декабры ЛАР сӕргълӕууӕджы балцы рӕстӕджы Хуссар Ирыстонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Луганскы Адӕмон Республикӕимӕ (ЛАР).

Документ бафыстой 2018 азы декабры ЛАР сӕргълӕууӕг Леонид Пасечникы официалон балцы рӕстӕджы Хуссар Ирыстонмӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

"Бадзырд бандӕвта нӕ паддзахадты царды алкӕцы фадыгыл дӕр – политикӕ, экономикӕ, ахуырад, культурӕ, гуманитарон фарстытӕ", - загъта депутат Плиты Александр, кӕцы рахаста фарст ӕркастмӕ.

Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты бадзырд сратификаци кӕныныл.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.