Дзӕуджыхъӕуы рацыд Къостайы æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" 105 æвзагмӕ ивдӕй

Ирыстон ацы аз октябры банысан кӕндзӕн ирон литературон ӕвзаджы бындурӕбӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилей
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы Национ наукон библиотекæйы ацыд Хетæгкаты Къостайы Чиныг-миниатюрæйы презентаци, рауагъдмӕ бацыд йӕ æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" 105 æвзагмӕ ивдӕй, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Чиныгмæ бахастой уæлæмхас æрмæг, æмæ йæ рауагътой æртыккаг хатт.

"Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" рацыд 105 æвзагыл тæлмацгондæй.Чиныг-миниатюрӕ у лæвар кæныны экземпляры хуызы. Ацы рауагъды сӕйраг нысан у равдисын иу ӕмдзӕвгӕ куыд иу кӕны хицӕн нациты ӕмӕ бӕстӕты цӕрджыты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ирыстон ацы аз октябры банысан кӕндзӕн ирон литературон ӕвзаджы бындурӕбӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилей.

2019 аз Хуссар Ирыстон расидт ӕрцыд Къостайы азӕй. Ирон ӕвзаджы классикы юбилейы цытӕн азы дӕргъы уагъд цӕудзӕн бирӕ мадзӕлттӕ.