Хуссарирыстойнаг депутаттӕ нӕ райстой парламенты фӕдыл закон

Законы проект райсынӕн не сфаг дыууӕ хъӕлӕсы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрӕмбоны нӕ райста парламенты фӕдыл конституцион закон. Законы проект райсынӕн не сфаг дыууӕ хъӕлӕсы  – рабадты рӕстӕджы закон райсынӕн схъӕлӕс кодтой 21 депутаты.

Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Иры парламенты фӕдыл законыл

Абоны рабадтыл депутат парти "Ныхас"-ӕй Бесаты Зита фехъусын кодта ацы законы фиппаинӕгтӕ.

Бесаты Зита фехъусын кодта, законы райст ахсджиаг кӕй нӕу, уый тыххӕй ӕмӕ фӕлхаты Конституци ӕмӕ депутаты статусы фӕдыл законы пункттӕ.

Парламенты спикер Гасситы Петр банхъардта ногӕй ахӕссын законмӕ ӕркаст, уый тыхӕй ӕмӕ йыл нырма хъӕуы кусын. Фӕлӕ парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар Тедеты Нона не сразы ис ахӕм скъуыддзагимӕ.

Адӕмон партийӕ депутат Диакъонты Амиран банысан кодта, ацы конституцион закон кӕй хъӕуы райсын ӕмӕ йыл уый фӕстӕ бакусын.

Депутаты хъӕппӕрис райстой, фӕлӕ закон райсыны фӕдыл схъӕлӕс кодтой ӕрмӕстдӕр 21 депутаты.