Цыппар фыдракӕнды ӕмӕ ӕртӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад фехъусын кодта республикӕйы криминагенон уавӕры тыххӕй 25 мартӕй 1 апрелмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой цыппар фыдракӕнды, фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ

Адавд ӕмӕ ӕнӕлегалон хӕцӕнгарз

25 марты ӕртӕ фыдгӕнӕджы бахызтысты столицӕйы дуканитӕй иумӕ ӕмӕ рахастой уырдыгӕй алыгъуызон базайрӕгтӕ, кӕцыты суммӕ уыд 40 мин сомы. Ацы цауы фӕдыл милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы 29-аздзыд, 30-аздзыд ӕмӕ 33-аздзыд цӕрджыты. Уыдон басаст сты сӕ фыдракӕндыл.

Афтӕ ма ивгъуыд къуыри милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Дзауы районы 33-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта хӕцӕнгарз ӕнӕзаконон ӕвӕрынмӕ. Басгӕрсты рӕстӕджы фыдгӕнӕджы хӕдзары ссардтой ӕмӕ байстой "Калашников"-ы автомат, цуаноны хӕцӕнгарз ӕмӕ цыппар сӕдӕ нӕмыгӕй фылдӕр.

Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг гӕн ӕвӕрыны тыххӕй

Рейдты фӕстиуджытӕ

Ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой авд адӕймаджы, кӕцыты алыгъуызон цӕфтимӕ аластой республикон рынчындонмӕ.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 298 фӕткхалды. Ӕхсӕз шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.