Финалмӕ къахдзӕфы: Джиоты Люба ахызт вокалон конкурсы радон этапмӕ

Ӕрдӕгфиналы чызг хъавы сӕххӕст кӕнын "тынг тыхджын ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг ирон ӕвзагыл"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба ахызт Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы радон этапмӕ. Уый жюрийы зӕрдӕ балхӕдта ХИПУ-йы ансамбль "А вдруг"-ы солисткӕ Хъодалаты Марияйы зарӕг "Мӕсыг"-ӕй.

Хуссарирыстойнаг журналист рацыд вокалон конкурсы кастинг Цӕгат Иры

Вокалон конкурсы финалы цыппӕрӕм хайы ралӕудтӕ равдисдзысты дыууӕ къуырийы фӕстӕ.

"Финалы цыппӕрӕм хай рацыд нахуыр хорз, тынг фидар ӕмӕ курдиатджын зарӕггӕнджытимӕ архайдтон. Хъодалаты Марияйы зӕрӕг сӕххӕст кодтон ХИПУ-йы студенткӕ Кокойты Аннайы цагъдимӕ. Жюрийӕн фӕцыд сӕ зӕрдӕмӕ", - радзырдта Sputnik Джиоты Люба.

Уый ма банысан кодта, радон этапы цы зӕрӕгимӕ ралӕудзӕн, уый скъуыддзаг нырма нӕу, фӕлӕ хъуамӕ уа иронау.

"Нырма ӕрмӕг нӕ равзӕрстон, фӕлӕ уыдзӕн иронау. Тынг тыхджын ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг", - бафтыдта уый.

Вокалон телепроект "АЗАР МА"-йы аразӕг у телекомпани "Осетия-Ирыстон". Бацархайыны бар дзы ис куыд фæлтæрдджын, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæн. Йӕ аразджытӕ сӕ разы ӕвӕрынц хӕс сбӕлвырд кӕнын Ирыстоны рӕсугъддӕр хъӕлӕс.