Хуссар Иры ӕфсӕддонты раз ралӕууыд хъахъхъӕнынады министрады ног оркестр

Оркестры коллектив сног кодтой фарон азы кӕрӕтты, музыканттӕ сӕххӕст кодтой ирон, уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг музыкалон уацмыстӕ ӕмӕ зарджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады ног ӕфсӕддон оркестр ралӕууыд республикӕйы ӕфсӕддонты раз Цхинвалы, хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Концерт ацыд хъахъхъӕнынады министрады ног агъуысты, бабӕрӕг ӕй кодтой хъахъхъӕнынады министр, уагдоны офицертӕ ӕмӕ хуымӕтӕг ӕфсӕддонтӕ. Музыканттӕ сӕххӕст кодтой ирон, уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг музыкалон уацмыстӕ ӕмӕ зарджытӕ.

Хуссар Иры ӕфсӕддонты раз ралӕууыд хъахъхъӕнынады министрады ног оркестр

"Оркестры солист Тедеты Гермаген сӕххӕст кодта зындгонд бардон зарджытӕ "Зеленые глаза", "Звезда по имени Солнце", "Ты неси меня река", "Группа крови на рукаве". Джабиты Диана сӕххӕст кодта поппури домрӕйыл ӕмӕ зарджытӕ "На опушке леса", "Сау каедзаех". Оркестры солист Цхуырбаты Петр азарыд Город мой Цхинвал" ӕмӕ "Мӕдинӕ", - радзырдтой хъахъхъӕнынады министрады.

Кӕсджыты зӕрдӕ балхӕдтой Коцты Александр ӕмӕ Дудайты Константин, кӕцытӕ сӕххӕст кодтой "Хонга" ӕмӕ "Симд".

Ӕфсӕддон оркестры сконд сног кодтой 2018 азы кӕрӕтты, йӕ сӕргъ слӕууыд ӕфсӕддон дирижер, хистӕр лейтенант Цхуырбаты Павел. Оркестры репертуары сты ӕфсӕддон марштӕ, ӕфсӕддон-патриотикон ӕмӕ хъайтарон тематыл уацмыстӕ.