Хуссар Иры парламенты спикер: мажоритариты хайадист фӕфылдӕр кӕндзӕн интерес ӕвзӕрстытӕм

Ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ гӕсгӕ. Гасситы Петр радзырдта, куыд бандавдзӕн ацы хабар хъӕлӕсдӕттыныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстыты ног системӕ бандавдзӕн ӕвзарджыты фӕзындыл 9 июны, фехъусын кодта закондӕттӕг органы спикер Гасситы Петр.

"Иугонд Ирыстон" партийӕ депутаттӕм кандидатты номхыгъды сӕргъ слӕууыд Тадтаты Алан

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг та - иумандатон зылдтæм.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мажоритариты хайадист фӕфылдӕр кӕндзӕн интерес ӕвзӕрстытӕм. Алкӕй хӕс дӕр у ӕрбацӕуын ӕвзӕрстытӕм ӕмӕ схъӕлӕс кӕнын. Ацы хъуыддаджы бирӕ баст уыдзӕн ДИФ-тыл, кӕцытӕ хъуамӕ ӕрсидой ӕмбӕстӕгтӕм сӕххӕст кӕнын сӕ конституцион хӕс", - загъта Гасситы Петр.

Спикер банысан кодта, Хуссар Ирыстоны бирӕ зындӕр кӕй у уадзын ӕвзӕрстытӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм абаргӕйӕ.

"Фыццаджыдӕр, нӕ республикӕйы иууылдӕр кӕрӕдзи зонынц. Афтӕ ма махмӕ ис мыггагон системӕ, адӕм ӕвзарынц сӕ "ӕмбал", кӕнӕ та сӕ "хӕстӕг"-ы", - загъта спикер.

Гасситы Петр бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕвзӕрстытӕ ацыдаиккой бирӕ хуыздӕр, ацы системӕйыл куы фӕтых уыдаиккой, уӕд.