Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн зынгӕ фыссӕг Харебаты Леонид

Литературон архайӕджы бавӕрдзысты майрӕмбоны, фӕндзӕм апрелы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы 86 азы кары йӕ цардӕй ахицӕн зынгӕ фыссӕг, поэт ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Харебаты Леонид. Фыссӕджы ахадгӕ литературон бынты ʻхсӕн ис иууыл зындгонд роман "Уарзт æмæ денджыз". Йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ радзырдтӕ мыхуыр цыдысты канд бынӕттон газетты ӕмӕ журналты нӕ, фӕлӕ ма фӕсарӕнты дӕр.

Нафи

Литературон архайӕджы бавӕрдзысты майрӕмбоны, фӕндзӕм апрелы

"Зындгонд фыссӕг уыд Харебаты Леонид, кӕд ӕй адӕм фылдӕр бӕрцӕй зыдтой поэтӕй, уӕддӕр литературӕйы йӕ романтӕ "Уарзт æмæ денджыз" ӕмӕ "Сыгъдысты зæрдæтæ" ахсынц егъау бынат. Уӕлдай ирдӕй йӕ курдиат рабӕрӕг ис ӕвзонгӕй фыст ӕрмӕджыты", - загъта Sputnik парламенты культура, ахуырад, дин ӕмӕ ДИФ фӕдыл комитеты сӕрдар Гӕбӕраты Юрий.

Йæ цардæй ахицæн поэт Бахъаты Нугзар

Харебаты Леонид райгуырд 1932-æм азы цыппурсы мæйы 12-ӕм бон. Каст фӕцис ХИПИ-йы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультет.

1961 азы рацыд йӕ фыццаг чиныг – ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ӕхсӕрдзӕн", уый фӕстӕ уыдысты чингуытӕ "Мӕ уарзт", "Мӕ уды хуызтӕ" ӕмӕ ӕндӕртӕ. Фыссæджы сфæлдыстады сӕйраг бынат бацахстой йæ романтæ "Уарзт æмæ денджыз", "Сыгъдысты зæрдæтæ". Хъӕзныг у йӕ сфӕлдыстад сабитæн фыст æмдзæвгæтæй, радзырдтæй, кадджытæй.