Хуссар Иры ПӔК: арӕнсӕтджыты нымӕц фӕфылдӕр ис марты

Дыууӕ фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ, 30 адӕймаджы та фӕивар кодтой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл марты ӕрцахстой 46 арӕнсӕттӕджы, фехъусын кодтой республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК). Февралы арӕнсӕтджыты нымӕц уыд 31.

Хуссар Иры фæивтой Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизыны фæтк

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, 13 ӕмбӕстаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 33 та арӕнгӕрон режим.

Арӕнсӕтджыты фӕдыл ауагътой равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн 30 адӕймаджы фӕивар кодтой, ӕртӕ ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, дыууӕйы та арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивар бафидынӕй. Ноджы ма 9 арӕнсӕттӕджы бафӕдзӕхстой, дыууӕйы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ, бафтыдтой ПӔК.

"Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой паддзахадон бюджетмӕ 84 мин сомы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

ПӔК-ы ма фехъусын кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн семӕ хъуамӕ уа паспорт, кӕнӕ паспорты ксерокопи, арӕнгӕрон зонӕмӕ куы цӕуой, уӕд.