Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта экс-президенты

Тыбылты Леонид хорзӕхджын ӕрцыд "Республикӕ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты" майданӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik. Цхинвалы хицӕн фадгуыты кусджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕджы къухӕй "Республикӕ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты" майдан райста экс-президент Тыбылты Леонид.

"Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кодтон, цӕмӕй уын радтон аккаг хорзӕхтӕ. Уавӕрӕй пайдагӕнгӕйӕ, мӕн фӕнды сымахӕн бузныг зӕгъын куыстмӕ уӕ бӕрнон ахасты тыххӕй, кӕцытӕ нывыл ӕххӕст кӕнут республикӕйы хӕрзӕбонӕн", - загъта Бибылты Анатолий.

Бӕрзонд хорзӕхтӕ, майдантӕ, Ордентӕ ӕмӕ Кады грамотӕтӕ райстой барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ, президенты администрацийы кусджытӕ, тӕрхондӕтты, зонад, бастдзинад ӕмӕ ӕндӕр фадгуытӕй. Уыдон нымӕцы дзабырхуыйæг Беппиты Алексей райста Кады Орден.