Сӕхи фӕрӕзтӕй: Цхинвалы ӕртӕ цӕрӕджы аразынц ног асинтӕ Згъудеры аргъуанмӕ

Арӕзтад райдыдта дыууӕ къуырийы размӕ, хӕрзаудӕн проекты инициатортӕ нывӕндынц саразын асинтӕ Куадзӕнмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуанмӕ аразынц ног асинтӕ. Зӕронд асинтӕ, кӕцыты сарӕзтой советон дуджы, нал бӕззыдысты.

Аластой 130 хӕдтулгӕ бырон: Цхинвалы уӕлмӕрд ӕфснайынц Куадзӕнмӕ

Асинтӕ саразыны фӕдыл хъӕппӕрис рахастой Цхинвалы цӕрджытӕ Гӕбӕраты Ацӕмӕз, Дыгъуызты Батрадз ӕмӕ Цъуырбаты Инал, кӕцытӕ сӕхи фӕрӕзтӕй баххуырстой кусджыты ӕмӕ бавнӕлдтой арӕзтадмӕ.

"Мах уыдтам, цахӕм уавӕры сты асинтӕ. Уыдон уыдысты тӕссаг ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцыты хызтысты аргъуанмӕ", - радзырдта Гӕбӕраты Ацӕмӕз.

Арӕзтад райдыдта дыууӕ къуырийы размӕ. Хӕрзаудӕн проекты инициатортӕ нывӕндынц саразын асинтӕ Куадзӕнмӕ.

Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуан сарӕзтӕуыд XVII ӕнусы ӕмӕ ис Цхинвалы скӕсӕны фарс Згъудеры къуылдымыл.