Уӕлахизы диктант: Хуссар Ир хайад райсдзӕн историкон акцийы

Ӕппӕтуӕрӕсейон акцийы, кӕцы нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цаутӕн, хайад райсдзысты 22 бӕстӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik. Ӕппӕтуӕрӕсейон "Уӕлахизы диктант" 2019 азы ацӕудзӕн 22 бӕстӕйы, кӕцыты ӕхсӕн ис Хуссар Ирыстон дӕр, хъусын кӕны РИА Новости. Акци "Историкон мысӕн" уагъд цӕуы парти "Единая Россия"-йы проекты фӕлгӕтты.

Диктант иронау: петербургæгтæ сфæлвардзысты сæ зонындзинæдтæ ирон æвзагæй

"Акцийы бон, 7 майы, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цаутӕн нывонд диктанты фӕзуаттӕ сорганизаци кӕндзысты Абхаз, Австри, Азербайджан, Сомих, Белорусси, Болгари, Вьетнам, Германи, Дани, Израиль, Казахстан, Киргизи, Китай, Молдави, Польша, Серби, Таджикистан, Узбекистан, Чехи ӕмӕ Хуссар Ирыстоны", - радзырдтой партийы пресс-службӕйы.

Диктанты ӕрмӕджытӕ бацӕттӕ кӕндзысты историктӕ ӕмӕ дзы уыдзӕн 30 фарсты, кӕцытӕ хаудзысты хӕсты цаутӕ, датӕтӕ, ӕфсӕддон географи, историкон гоймӕгтӕ, аивадон литературӕ ӕмӕ ӕндӕр темӕтӕм.

Акци "Уӕлахизы диктант" нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты цытӕн ӕмӕ ацӕудзӕн 7 майы 22 бӕстӕйы. Диктанты сӕйраг фӕзуат уыдзӕн Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Централон музей Мӕскуыйы.