Хуссар Иры шофыры дыккаг хатт ӕрцахстой нозтджынӕй

Раздӕр нӕлгоймагӕн байстой йӕ скъӕрыны бартӕ иу аз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ – дыккаг хатт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй йӕ гӕнӕн ис сбадын кӕной ахӕстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik. Цхинвалы ӕрцахстой Знауыры районы хъӕуы цӕрӕджы хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цыппар фыдракӕнды ӕмӕ ӕртӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

"Паддзахадон автоинспекцийы инспектортӕ Харебаты Исахъхъы уынгыл ӕрурӕдтой ВАЗ-21093 хӕдтулгӕ, кӕцыйыл скъӕрдта Знауыры районы Ахслиты хъӕуы 33-аздзыд цӕрӕг. Барадхалӕджы аластой наркологон диспансермӕ, цы ран сбӕрӕг кодтой, кӕй у нозтджын", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Раздӕр нӕлгоймаджы ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй – уӕд ӕй фӕивар кодтой ӕмӕ йын байстой йӕ скъӕрыны бартӕ иу аз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ.

Дыууӕ азы дӕргъы дыккаг хатт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй шофыры ӕрбаздӕхдзысты уголовон бӕрнмӕ ӕмӕ йӕ гӕнӕн ис сбадын кӕной ахӕстоны 6 мӕйӕ дыууӕ азмӕ.