"Адӕмы иудзинад" раразмӕ кодта кандидатты депутаттӕм

Иумандатон ӕвзарӕн зылдты кандидатты ӕхсӕн ис партийы лидеры ӕфсымӕр дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Козаты Диана. Парти "Адӕмы иудзинад" хуыцаубоны раразмӕ кодта йӕ кандидатты Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕм.

Партийы номхыгъды сӕргъ слӕууыд йӕ лидер, депутат Чилӕхсаты Владимир. Уымӕй дарддӕр ма номыхыгъдмӕ бахызтысты амалиуӕггӕнӕг, базарадон центр "Империал"-ы хицау Техты Алан, республикӕйы хицауады раздӕры сӕрдар Гӕбӕраты Владимир, Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) раздӕры кусӕг Пухаты Сергей ӕмӕ парламенты дыууӕ ӕрсидты депутат, раздӕры вице-премьер Плиты Алымбег.

Иумӕйагӕй "Адӕмы иудзинад"-ы партийон номхыгъды ис 15 адӕймаджы, се хсӕн "Иугонд Ирыстон" партийӕ раздӕры депутат Тайсойты Дмитрийы ӕфсымӕр – Сослан.

"Адӕмы иудзинад" раразмӕ кодта кандидатты депутаттӕм

Тасойты Дмитрий йӕхӕдӕг цӕуы ӕвзӕрстытӕм иумандатон зылдмӕ гӕсгӕ парти "Адӕмы иудзинад"-ы номӕй. Амӕйразмӕ уый бахызт партийы генералон советы скондмӕ.

Иумандатон ӕвзарӕн зылдтӕм гӕсгӕ кандидатты ӕхсӕн ис партийы лидеры ӕфсымӕр Чилӕхсаты Зельдик.

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.