Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ къухдариуӕгад саргъ кодта ИКЦ кусджыты ӕнтыстытӕн

Центры кусджытӕ райстой кады грамотӕтӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕджы къухтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 апр - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь радта иумӕйаг информацион-координацион центры (ИКЦ) кусджытӕн Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) уагдонон хорзӕхтӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы МХМ информацион-координацион центр бакодтой Цхинвалы

Уӕрӕсейаг МХМ минӕвар Хуссар Ирыстоны Павел Печников банысан кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ саргъ кодтой кусджыты ӕнтыстытӕн. ИКЦ разамонӕг ӕмӕ цалдӕр кусӕджы бавдыстой уагдонон хорзӕхтӕм Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты министр Владимир Колокольцевы фӕдзӕхстӕй.

"Фидӕны махӕн уыдзӕн ноджы бирӕ ӕнтыстытӕ. Уырны мӕ, дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕндзыстут цӕсгомджынӕй уӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта министр.

Наниты Игорь дӕр  бахахх кодта, центры алкӕцы кусӕг дӕр аккаг кӕй у йӕ хорзӕхӕн службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕныны тыххӕй.

"Алчидӕр уӕ бахаста хайбавӕрд иумӕйаг информацион-координацион центры арӕзтады хъуыддагмӕ", - загъта Наниты Игорь.

ИКЦ директор Болататы Алан ныфс радта къухдариуӕгадӕн, центры кусджытӕ дарддӕр кӕй архайдзысты дыууӕ паддзахады хӕрзӕбонӕн.