Зӕрӕдты хӕдзар Цхинвалы ацыд ног бӕстыхаймӕ

Ног агъуысты пациенттӕн сарӕзтой хорз уавӕртӕ, банысан кодта Тотчиты Георгий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik. Низæфхæрд адæмы æмæ зæрæдты хæдзар "Забота"-йы ракодтой ног агъуыстмӕ Цхинвалы цӕггаттаг хайы, фехъусын кодта хицауады рабадтыл Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий.

Зæрæдты хæдзар ацæудзæн ног бынатмæ

Пансионаты раздӕры бæстыхай Цхинвалы Хъайтарты уынджы кæрон рагӕй уыд кæлæддзаг уавæры.

Хицауады пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Тотчиты Георгий банысан кодта, ног агъуысты пациенттӕн сарӕзтой хорз уавӕртӕ.

Рабадты рӕстӕджы хицауады уӕнгтӕ ӕрдзырдтой пансионаты ном раивыныл "Медико-социалон центр"-мӕ.

Тотчиты Георгий бахахх кодта, ног центры официалон баконд кӕй ацӕудзӕн апрелы кӕрӕтты.