Хуссар Иры иуварс кӕнынц интернетимӕ проблемӕтӕ

Интернеты хаххыл авари ӕрцыд дыццӕджы бонӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бастдзинады компани "Остелеком" ӕмӕ уӕрӕсейаг компани "Газпром-телеком" ӕртыццӕджы адарддӕр кодтой сӕ куыст, цӕмӕй сцалцӕг кӕной интернеты хахх, кӕцыйыл знон ӕрцыд авари, фехъусын кодта Sputnik компанийы ӕхсӕнадон бастдзинӕдты фӕдыл специалист Бежанты Зӕлинӕ.

Цхинвалы фæзынд интернет-лæггæдты фидыны терминалтæ

"Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы ӕнгом цӕуӕг интернеты хаххыл авари ӕрцыд дыццӕджы бонӕй. Уый фӕдыл республикӕ изӕрмӕ баззад ӕнӕ интернетӕй.

Бежанты Зӕлинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, боны дӕргъы гӕнӕн ис фӕзыной проблемӕтӕ интернетимӕ.

"Знон фӕзынд проблемӕтӕ интернеты куыстимӕ, уый баст уыд "Газпром-телеком"-ы интернеты хаххыл аварийыл. Компанийы специалисттӕ ссардтой аварийы бынат ӕмӕ рӕстӕгмӕ аиуварс кодтой проблемӕ", - загъта Бежанты Зӕлинӕ.

Хуссар Ирыстоны бастдзинады оператортӕ ("Остелеком" ӕмӕ "Юг-Телеком") пайда кӕнынц интернеты иунӕг хаххӕй, кӕцы айгӕрста "Газпром-телеком" компани "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы арӕзтады рӕстӕджы.