Хуыздӕр уӕлибых: Дзӕуджыхъӕуы цӕуы чъиритӕ кӕнынӕй ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс

Хуыздæр чъиригæнæджы ном сбæрæг уыдзæни майрæмбоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы цӕуы Уӕрӕсейы чемпионат ирон чъиритæ кæнынæй, архайынц дзы 11 субъекты минæвæрттæ , хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Хуыздæр чъиригæнæджы ном сбæрæг уыдзæни майрæмбоны. Цӕгат Ирыстонӕй архайы æрыгон чызг Къæбулты Регинæ. Уый 7 азы чъиритæ кæны йæ нанайы амындмæ гæсгæ.

Уӕлибыхтӕ бахаудтой туристты уарзондӕр хӕринӕгты номхыгъдмӕ

"Ерысты фæзы цæлгæнæны эксперттæ сæ цæст дарынц фæсивæды арæхстдзинадмæ. Цæттæ чъиритæ арвитынц сæрмагонд бынатмæ, æмæ сæ уым чи сæ кодта, уый нæ зонгæйæ саходынц. Ӕппӕт архайджытӕ сæ рæстæджы хуыздæртыл нымад æрцыдысты сæхи регионты. Уæлахиздзаутæ спонсортæй райсдзысты лæвæрттæ æмæ сын саккаг кæндзысты бæстæйы чемпионты нæмттæ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ивгъуыд аз жюрийы уæнгты зæрдæмæ æппæтæй тынгдæр фæцыдысты Мæскуыйы минæвæртты конд чъиритæ. Цæгат Ирыстон уӕд бацахста æрмæст 7-æм бынат.