ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Владислав ссис Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.
Ерысты спортсмен архайдта 86 килограмм уӕзы категорийы.
"Турниры финалы ирон спортсмен Уалыты Владислав рамбылдта молдавайнаг Петр Януловы 4:0 хыгъдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Финалмӕ фӕндагыл Уалыты Владислав рамбылдта белорусаг Али Шабановы 11:0 хыгъдӕй, Георгиос Саввоулидисы (Греци) – 3:1, Милес Амины Сан-Маринойӕ – 5:0 ӕмӕ Мурад Сулеймановы (Азербайджан) 7:0.
Европӕйы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд цӕуы Бухаресты (Румыни) 8-11 апрелы.