Зыниртасӕн космос: Хуссар Иры хатдзӕгтӕ скодтой Гагарины юбилейӕн нывонд конкурсӕн

Интернетӕй пайдагӕнджытӕ Sputnik сайтыл хъӕлӕсӕппӕрсты хуыздӕрыл банымадтой Хъуылымбегты Дианайы куыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Космонавтикӕйы бон Цхинвалы Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центр Хуссар Ирыстоны хатдзӕгтӕ скодта "Зыниртасӕн космос"-ы конкурсӕн. Хуыздӕр куыстыты автортӕ райстой дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ, сӕ ахуыргӕнджытӕ та сӕ ӕмархайды тыххӕй - бузныджы гӕххӕттытӕ.

Конкурсмӕ сӕ куыстытӕ бавдыстой 80 адӕймагӕй фылдӕр, се ʻхсӕн скъолаты ӕмӕ нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндӕтты ахуырдзаутӕ. Хуыздӕр 20 куысты равзӕрстой Нывгӕнджыты цӕдисы хистӕр Цхуырбаты Тамерлан ӕмӕ Ахуыргӕнӕндоны директор Зассеты Сӕрмӕт. Уыцы куыстытӕ раразмӕгонд ӕрцыдысты Sputnik Хуссар Ирыстоны сайтыл онлайн хъӕлӕсӕппӕрстмӕ. Интернетӕй пайдагӕнджытӕ хуыздӕрыл банымадтой Хъуылымбегты Дианайы куыст.

"Зӕгъӕн ис ӕгас горӕт схъӕлӕс кодта сайтыл. 37 мин адӕймаджы бахызт хъӕлӕс кӕнынмӕ ӕмӕ рамбылдта Хъуылымбегты Диана. Бузныг зӕгъын организатортӕн - Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центр ӕмӕ Культурӕйы министрадӕн. Сыгъдӕг арв уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕмӕ уын стъалытӕ та амонӕт раст фӕндаг", - загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны разамонӕг Виталий Раднаев.

Зыниртасӕн космос: Хуссар Иры хатдзӕгтӕ скодтой Гагарины юбилейӕн нывонд конкурсӕн

Конкурсантты куыстытӕ сфӕлыстой хатӕн, сывӕллӕттӕ сӕ куыстыты фылдӕр бӕрцӕй сныв кодтой фыццаг космонавт Юрий Гагарины ӕмӕ космос. Хузыдӕр куыстыты авторты хорзӕхкӕныны церемонийӕ дарддӕр мадзалы фӕлгӕтты ӕрдзырдтой зындгонд космонавтты цардвӕндагыл, скъоладзаутӕ темӕйы фӕдыл кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕххӕст кодтой зарджытӕ, сарӕзтой викторинӕ. Космонавтикӕйы темӕйы иууыл хуыздӕр зонындзинӕдтӕ равдыста аивӕдты лицейы ахуырдзау Бабаты Станислав.

Зыниртасӕн космос: Хуссар Иры хатдзӕгтӕ скодтой Гагарины юбилейӕн нывонд конкурсӕн

"Ӕнхъæл нӕ уыдыстӕм 84 куысты кӕй ӕрбавдисдзысты, зын уыд равзарын хуыздӕрты. Мӕнӕн мӕ зӕрдӕ кӕцы балхӕдта, уый жюри хуыздӕрты нымӕцмӕ нӕ бахаста. Стыр бузныг чи нӕм фӕкаст, уыдонӕн", - загъта уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры минӕварады сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.

Хайадисджыты ахицӕн кодтой дыууӕ кары категорийыл – 11-14 азы ӕмӕ 15-17 азы. Дыууӕ къорды дӕр рахицӕн кодтой уӕлахиздауты ӕмӕ призерты.

Конкурс "Зыниртасӕн космос" расидтысты мӕйы размӕ Юрий Гагарины райгуырдыл 85 азы сӕххӕсты цытӕн. Мадзал ацыд республикӕйы культурӕйы ӕмӕ ахуырады министрадтимӕ иумӕ агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны информацион ӕххуысы руаджы.

Зыниртасӕн космос: Хуссар Иры хатдзӕгтӕ скодтой Гагарины юбилейӕн нывонд конкурсӕн