Тыбылты Инга: ХИПУ-йы музейы баконд мæнæн у тынг æхсызгон

Ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Инга зоологийы музейы баконды тыххæй
Sputnik

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд зоологийы музейы бӕрӕгбонон баконд, кӕцыйы ӕрӕмбырд кодтой республикӕйы алыгъуызон цӕрӕгойты минӕвӕртты. Ацы музейы нысаниуӕджы тыххӕй радио Sputnik радзырдта ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Инга.

"Ацы музейы баконд мæнæн у тынг æхсызгон, уымæн æмæ ахæм музейтæ ныртæккæ цъус ис. Стæй ма мæ фæнды мæхицæй зæгъын стыр бузныг Тедеты Вадимӕн ахӕм диссаджы музей бакӕныны тыххӕй. Тынг цымыдисон экспонаттæ дзы ис, æмæ мæнмæ гæсгæ, ацы музей у нæ университеты къухдариуӕгадӕн йӕ иууыл ахсджиагдӕр ӕнтыстытӕй иу", - загъта Тыбылты Инга.