Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодта марш-бросок

Ӕфсӕддонтӕ сӕххӕст кодтой тренировкӕ автоматтимӕ, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной сӕ физикон цӕттӕкӕнынад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодта марш-бросок, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕвзарӕн нормативтӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ

"Ӕфсӕддонтӕ ӕххӕст кӕнынц алыгъуызон дистанцитӕм марш-бросоктӕ къуыри иу хатт. Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц ӕфсӕддон формӕйы автоматтимӕ. Марш-бросок ӕххӕст цӕуы, цӕмӕй фӕхуыздар уа ӕфсӕддонты физикон цӕттӕкӕнынад", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма цытджын хъарагъулы ротӕйы ӕфсӕддонтӕ хуыздӕр кӕнынц сӕ физикон цӕттӕкӕнынад ӕмӕ ӕхсыны бӕрӕггӕнӕнтӕ. Физикон цӕттӕкӕнынады тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц сӕрмагонд тренировкӕ кӕнӕн залы хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты ӕмӕ столицӕйы стадионты.