Ног старт: цхинвайлаг пауэрлифтер рамбылдта Европӕйы чемпионат

Хъуылымбегты Азӕмӕт ерысты разынд тыхджындӕр йӕ ныхмӕлӕуджытӕй Уӕрӕсе ӕмӕ Европӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг пауэрлифтер Хъуылымбегты Азӕмӕт рамбылдта Европӕйы гом чемпионат "OPEN EUROPE CUP WPA/AWPC"-мӕ. Нӕ спортсмен систа 180 кг дисциплина «жим лежа»-йы.

Раздӕхтӕн спортмӕ: Цхинвайлаг пауэрлифтер стох кӕндзӕн Европӕйы чемпионаты

Лӕппу фӕнд кодта йӕ тыхтӕ бафӕлварын 90 кг уӕзы категорийы, фӕлӕ сбарыны рӕстӕджы разынд 91 кг, ӕмӕ йӕ бахъуыд тох кӕнын йӕхицӕй зынгӕ уӕззаудӕр спортменты хсӕн – 100 кг уӕзы. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ лӕппу райста фыццаг бынат.

Амӕйразмӕ Хъуылымбегты Азӕмӕт рамбылдта Цӕгат Кавказы ерыстӕ пауэрлифтингӕй, цы ран райста спорты мастермӕ кандидаты ном. Уый фӕстӕ ныууагъта спорт – бацыд ахуырмӕ ХИПУ-мӕ, куыста  радиойы амонӕгӕй. 2019 азы та лӕппу сног кодта йӕ тренировкатӕ.

Спортсмены Цхинвалы цӕттӕ кӕны Ӕлборты Леуан. Ерыстӕ цыдысты  Ростов-на-Донуйы.