Бибылты Анатолий балӕвар кодта ног хӕдтулгӕ Транскамыл дурзгъӕлды бын бахауӕг ӕмбӕстагӕн

Джиоты Отар бахаудта дурзгъӕлды бын ацы аз январы. Уый райста буары цӕфтӕ, йӕ хӕдтулгӕ та ныппырх ис
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта ног хӕдтулгӕйы дӕгъӕлтӕ Дзауы районы цӕрӕг Джиоты Отарӕн, кӕцы зиан баййӕфта къӕдзӕхы ӕркалды рӕстӕджы Цхинвал-Дзау фӕндаджы фарастӕм километрыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий балӕвар кодта ног хӕдтулгӕ Транскамыл дурзгъӕлды бын бахауӕг ӕмбӕстагӕн

Хӕдтулгӕ балхӕнынӕн финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой президенты фондӕй.

"Мӕ цӕст дын уарзы цардамонд ӕмӕ фидар ӕнӕниздзинад", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Джиоты Отар радзырдта журналисттӕн, къӕдзӕхы ӕркалды рӕстӕджы кӕй райста буары цӕфтӕ ӕмӕ йӕ аластой рынчындонмӕ. Афтӕ ма уый загъта бузныг Бибылты Анатолийӕн ахӕм лӕвары тыххӕй.

Бибылты Анатолий балӕвар кодта ног хӕдтулгӕ Транскамыл дурзгъӕлды бын бахауӕг ӕмбӕстагӕн