Хуссар Иры сӕргълӕууӕг: фӕнды мӕ, цӕмӕй адӕм баууӕндой нӕ дохтыртыл

Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, ӕмбӕстӕгтӕ ӕгӕр арӕх кӕй цӕуынц республикӕйы территорийӕ медицинон ӕххуыс райсынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта, кӕй хъӕуы фӕбӕрзонддӕр кӕнын Хуссар Ирыстоны дохтырты куысты ӕмвӕзад, цӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕ ма цӕуой фӕсарӕнтӕм медицинон ӕххуыс райсынмӕ. Уый тыххӕй президент фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хуссар Иры сӕргълӕууӕг: фӕнды мӕ, цӕмӕй адӕм баууӕндой нӕ дохтыртыл

"Мах хъуамӕ схизын кӕнӕм дохтырты куыст ӕмбӕлгӕ ӕмвӕзадмӕ. Фӕнды мӕ, цӕмӕй адӕм баууӕндой нӕ дохтыртыл", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма президент банхъардта Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм, цӕмӕй сын бӕрнон ахаст уа сӕ ӕнӕниздзинадмӕ.

Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой фельдшерон-акушерон пунктты куыстыл республикӕйы районты. Медико-санитарон службӕйы специалист Цъӕриттаты Инна банысан кодта, ныртӕккӕ медицинон организацитӕ кӕй хизынц республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады хъусдарды бынмӕ.

Хуссар Иры сӕргълӕууӕг: фӕнды мӕ, цӕмӕй адӕм баууӕндой нӕ дохтыртыл

Фембӕлды кӕрон Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст, цӕмӕй 15 маймӕ кусын райдайа клинико-диагностикон лаборатори, афтӕ ма бахӕс кодта Знауыры районы сӕргълӕууӕгӕн ӕркӕсын Хъорнисы хъӕуы фельдшерон-акушерон пункт саразыны фарстмӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн та бахӕс кодта рахицӕн кӕнын лимиттӕ ординатурӕйы ахуыр кӕнын ӕмӕ специалистты квалификаци фӕбӕрӕзонддӕр кӕнынӕн.