Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъæбысхæстæй

Хуыцаубоны Иркутскы дунейы чемпионатмӕ балцӕгтыл стох кӕндзысты Бестауты Андрей ӕмӕ Зассеты Арсӕмӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг богал Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъæбысхæстæй. Ирон богал "сыгъзӕринмӕ" фӕндагыл рамбылдта фондз фембӕлды, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Коцты Тамерлан.

Цхинвайлаг богал тох кӕны Уӕрӕсейы чемпионаты

Тренер ма радзырдта, ацы къуырийы кӕрон та уыдзӕн йӕ аннӕ тыхджындӕр богалты рад сӕхи равдисынӕн.

"Дзӕгъиаты Сослан тыхджындӕр уыд фондз фембӕлды ӕмӕ ссис 85 кг уӕзы Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау,уый ныр йӕхицӕн фӕндаг бакодта дунейы ерыстӕм. Хуыцаубоны та дунейы фыццагадмӕ ӕвзарӕн ерысты стох кӕндзысты Бестауты Андрей ӕмӕ Зассеты Арсӕмӕг", - загъта тренер.

Уӕрӕсейы фыццагад цыд Наро-Фоминскы.