Гасситы Мурӕт ӕввахс рӕстӕджы ацӕудзӕн Америкӕмӕ йӕ радон тохмӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй

Гасситы Мурӕт йӕ фӕстаг тохы фембылд дунейы абсолютон чемпионы титул украинаг Александр Усикӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Дунейы раздӕры чемпион боксӕй Гасситы Мурӕт ӕввахс рӕстӕджы ацӕудзӕн АИШ-мӕ, цӕмӕй адарддӕр кӕна йӕ тренировкӕтӕ хӕххон лагерь Биг-Бэры, хъусын кӕны RT.

Нӕ агурын ӕнцон тохтӕ: Гасситы Мурӕт радзырдта йӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй

Гасситы Мурӕты тренер Сланты Виталий банысан кодта, йӕ ацыды дырыс датӕ нырма бӕрӕг кӕй нӕу. Сланты Виталий бафтыдта, зӕгъгӕ, цӕттӕкӕнынады этап Уӕрӕсейы бахӕццӕ кӕронмӕ.

25-аздзыд боксеры ныхмӕлӕууӕджы ном нырма бӕрӕг нӕу. Тох гӕнӕн ис ацӕуа июны.

Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл. Ирон боксер ногӕй райдыдта тренировкӕ кӕнын ацы аз январы.