Хуссар Ир ӕрдзырдта Сириимӕ минӕварад бакӕныныл Дамаскы

Хуссар Ирыстоны президент радзырдта, Ялтайы форумы рӕстӕджы кӕй нывӕндынц ауадзын фембӕлд сириаг делегациимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварады баконд Сирийы ис баныхасы стадийыл, фехъусын кодта РИА Новости президент Бибылты Анатолий.

"Минӕварад ӕнӕмӕнг бакӕндзыстӕм. Фарс тис баныхасы стадийыл. Ацы фӕзуатыл мах ӕмбӕлдзыстӕм Сирийы минӕвӕрттимӕ ӕмӕ ӕрныхас кӕндзыстӕм алкӕцы фарстыл дӕр", - банысан кодта Бибылты Анатолийы.

Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хъырыммӕ Ялтайы V ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы хайад райсынмӕ ӕртыццӕджы, 17 апрелы. Форумы Сирийы делегацийы сӕргъ лӕууы экономикӕ ӕмӕ ӕддагон базарады министр Самер Аль-Халиль.

Хуссар Ир ӕмӕ Хъырым бадзырдтой ӕмгуыстадыл

Афтӕ ма Бибылты Анатолий бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кӕй фидар кӕндзӕн экономикон бастдзинад Сириимӕ.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды.

Ялтайы экономикон форум уагъд цӕуы ӕрвылаз 2015 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы аз форум уагъд цӕуы 18-20 апрелы. Организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕртӕ мин хайадисӕгмӕ дунейы 100 бӕстӕйӕ.