Хуссар Иры хицауады сӕрдар радзырдта гуырӕн хӕдзары бӕстыхайы фидӕны тыххӕй

Республикӕйы хицауады сӕрдар ӕрдзырдта Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттимӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы модернизацийы дыккаг этапыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 апр - Sputnik. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, гуырӕн хӕдзар ӕмӕ психоневрологон диспансеры зӕронд агъуысттӕ хъӕуы сцалцӕг кӕнын, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры хицауады сӕрдар 2019 азы Инвестпрограммӕйы реализацийы тыххӕй: хорз темп

Пухаты Эрик фехъусын кодта, ӕнӕниздзинады системӕйы дарддӕры райрӕзты тыххӕй агъуысттӕ хъӕуы сцалцӕг кӕнын, цӕмӕй дзы саразой лабороторон комплекс ӕмӕ наркологи ӕмӕ психиатрийы амбулаторон центр.

Ацы фарсты фӕдыл ӕрдзырдтой хицауады сӕрдары фембӕлды рӕстӕджы Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Дмитрий Костенников ӕмӕ министры уынаффӕгӕнӕг Анатолий Гулинимӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Тотчиты Георгий ӕмӕ ӕнӕниздзинады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галимӕ.

Фембӕлды кӕрон Пухаты Эрик банысан кодта, Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Дмитрий Костенников "байхъуыста хъӕппӕристӕм ӕмӕ дзырд радта, кӕй баххуыс кӕндзӕн фарст аскъуыддзаг кӕнын".