Дзӕгъиаты Сослан: цæттæ кæнын Европæйы чемпионатмæ

Цхинвайлаг богал Дзӕгъиаты Сослан радзырдта йæ уæлахизы тыххæй Уæрæсейы чемпионаты
Sputnik

Цхинвайлаг богал Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъæбысхæстæй. Йæ уӕлахизы тыххæй Сослан радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.

"Чемпионат уыд зын, фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон никуы вæййы. Фондз фембæлды мын уыд, æмæ фондз дæр рамбылдтон. Ныр та райдыдтон цæттæ кæнын Европæйы чемпионатмæ", - загъта Дзӕгъиаты Сослан.