Уӕрӕсейы хицауад хорзыл банымадта ӕмгуыстады бадзырд Хъырым ӕмӕ Хуссар Иры ӕхсӕн

Документ бафыстой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксенов Ялтайы V экономикон форумы рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы хицауад хорзыл банымадта ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн, хъусын кӕны РИА Новости документы текст, кӕцы ныммыхуыр кодтой барадон информацийы официалон порталыл.

"Сразы уын Республикӕ Хъырымы министрты хъӕппӕрисыл Республикӕ Хуссар Ирыстонимӕ базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыссыныл", - дзырдӕуы документы.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд уыд фыццаг документ, кӕцы бафыстой Ялтайы форумы.

Хуссар Ир ӕмӕ Хъырым бадзырдтой ӕмгуыстадыл

Бадзырд бафыстой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксенов Ялтайы V экономикон форумы рӕстӕджы. Афтӕ ма фарсытӕ бафыстой мадзӕлтты нывӕзт, цӕмӕй среализаци кӕной бадзырд 2019-2022 ӕзты.

Ялтайы экономикон форум уагъд цӕуы ӕрвылаз 2015 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы аз форум уагъд цӕуы 18-20 апрелы. Организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕртӕ мин хайадисӕгмӕ дунейы 100 бӕстӕйӕ.