Ирон дыууадӕстӕнон фӕндырыл цагъд: видео

Рагон ирон мелоди "Ханты цагъд", кӕцы сӕххӕст кодтой националон инструментыл, балхӕдта интернетӕй пайдагӕнджыты зӕрдӕтӕ
Sputnik

Дыууадӕстӕнон фӕндырыл рагон ирон мелоди "Ханты цагъд"-ы сӕххӕсты видео ныммыхуыр кодтой ӕвзонг музыкант Тедеты Натийы официалон фарсыл.

Дыууадӕстӕнон фӕндыр фыццаг фӕзынд Нарты Кадджыты. Сарӕзта йӕ нарты Сырдон, кӕцы пайда кодта йӕ арӕзтады йӕ лӕппуйы къухы стӕджытӕй. Историкон гуырӕнтӕм гӕсгӕ, фӕндыр Кавказмӕ ӕрхастой семӕ скифтӕ, кӕцытӕм ацы инструмент фӕзынд V ӕнусы нӕ эрӕйы агъоммӕ.